Сакстаты абон публикацигонд хыгъдлæвæрдмæ гæсгæйæ, октябры афæдзон инфляци бæрц аххæссыд 12.8 %.
Статистикæйы националон куысты хыгъдлæвæрдмæ гæсгæйæ, хæлцы продуктты æмæ æнæалкоголон ныуæзты æргътæ 18.4% фæзынаргъ сты. Сакстаты хъусинагæй, октябры, афæдзы дæргъы хæлцы продукттæй сегасдæр фылдæр 43.0% фæзынаргъ ис халсар 31.6 процентæй фæзынаргъ ис зети æмæ сой. 19.4% дзул. 18.2 процентæй фæзынаргъ æхсыр æмæ рæвдуæттæ. Сæкæр, джем æмæ æндæр адджинæгты æргътæ фæуæлдай сты 18.0%. 16 % фæзынаргъ ис кæсаг. Æргъты 13 процентджын рæзт сфиксир ис минералон æмæ суадоны дæттыл, æнæалкоголон ныуæзт æмæ натуралон дыргъы дæттыл. Фыд æмæ фыдыпродукттæ фæзынаргъ сты 11.2%, дыргъ æмæ сæнæфсир -9.3 процентæй, хъауа, цай æмæ какао 6.4 процентæй фæзынаргъи.