Сакстат - октябры Гуырдзыстоны экономикæ 6.9 процентæй райрæзтис
Статистикæйы национ куысты рагафон аргълæвæрдмæ гæсгæйæ, 2021 азы октябры раззаг азы аналогион периодимæ абаргæйæ реалон æмтгæйон мид продукты рæзт аххæссыд 6,9 процентмæ, æрмæст 2021 азы фыццаг дæс мæйы астæуккаг бæрæггæнæн у 10.5% бæрц.
Сакстаты хъусинагæй, 2021 азы октябры, раззаг азы аналогион периодимæ абаргæйæ, рæзыт рахатинаг уыд ахæм къабæзты, цахæм дæр у бакусæн амалиуæгад, транспорт æмæ æвæрæнты сферты, аивад, ивхæрсын æмæ улæфт, электроэнергийы, газы, тæфон æмæ кондициргонд уæлдæфæй ифтонгад, финансон æмæ фæдзæхсыны куыст, фысымуаттæ æмæ ресторантæ, базарад.
Статистикæйы националон куысты информацийæ, фæкъаддæр тенденци сфиксир ис арæзтадты къабазы.