Статистикæйы националон куысты бæрæггæнæнтæй, 2023 азы ноябры, раззаг мæйимæ абаргæйæ инфляцийы æмвæзад Гуырдзыстоны – -0,2 процент, æрмæст афæдзон инфляцийы æмвæзад 0,1 процент уыд.
Базисон инфляцийы тыххæй куы зæгъæм уæд сакстаты хъусинагæй фæнысангонд бæрæггæнæн 2023 азы ноябры, ивгъуыд азы æмбæлгæ периодимæ абаргæйæ 2,1 процент уыд, æрмæст тамакойы цух æддæ афæдзон базисон инфляцийы 2 бæрæггæнæн 1,8 процентæй сбæрæг ис.
«Æрвылазон инфляцийы бæрæггæнæны формиркæныныл сæйраг æндæвдад уыд æргъты ивд ахæм къордтыл: хæлцадон продукттæ æмæ æнæалкоголон ныуæзт: къорды сфиксир ис æргъты 0.5 процетон фæкъаддæр, кæцы -0.13 процентон пунктæй фæзындис мæйы индексыл. Æргътæ фæкъаддæр сты дæлкъордтыл: халсар (-3,7 процент), дыргъ æмæ сæнæфсир (-2.0 процент), сæкæр, джем æмæ æндæр адджинæгтæ (-1.5 процент), кæсаг (-0.8 процент), дзул æмæ дзулпродукттæ (-0.8 процент).
Уыимæ æргътæ райрæзтысты дæлкъордты: къофи, цай æмæ како (0.6%), æхсыр, цыхт æмæ рæвдуæттæ (0.5%), минералон æмæ суадоны дон, æнæалкоголон ныуæзтытæ æмæ натуралон дыргъты дæттæ(0.5%), фыд æмæ фыды продукттæ (0.4%).
Æргътæ райрæзтысты дæлкъордты: цæрæндæттæм базилын æмæ рацалцæг (2.8 процент) æмæ фактон фидинæгтæ цæрæндоныл (1.0 процент)»- банысангонд у Сакстаты публикацигонд хыгъдлæвæрды.