Сакстат – Майы, Гуырдзыстоны экономикæ 25.8 процентæй райрæзтис
Сакстат – Майы, Гуырдзыстоны экономикæ 25.8 процентæй райрæзтис

Статистикæйы националон куысты  рагафон  аргълæвæрдæй, 2021  азы  зæрдæвæрæны мæйы,  раззаг азы  аналогион  периодимæ  абаргæйæ,   реалон  æмтгæйон мид продукты (ÆМП) рæзынад  аххæссыд  25.8%, æрмæст 2021  азы  фыццаг фондз мæйы  астæуккаг  бæрæггæнæн у  11.5% бæрц.

Сакстаты хъусинагæй,  цæугæ азы  майы,  раззаг азы аналогион  периодимæ абаргæйæ  рæзынады   тенденци  фæбæрæг ис,  зæгъæн ис, алы секторы.

Рæзынады  æрдгæй   нысаниуæгджын хайбавæрд скодтой  ахæм къабæзтæ, цахæм дæр сты:  бакусæн  кондадтæ,  финансон æмæ  фæдзæхсыны сферæ, базарад, æнæзмæлгæ мулкимæ баст куыст,  фысымуаттæ æмæ  ресторантæ, арæзтадтæ, транспорттæ æмæ  æвæрæнты кондадтæ.