Сакстат - кусæг адæмы 64 проценты архайынц лыстæг æмæ астæуккаг бизнесы
Статистикæйы национ куыст кондадтæ цы куыст кæнынц уый фæстиуджытæ публикаци скодта. 2019 азы III кварталы кусджыты астæуккаг нымæц 696.0 адæймагæй фæбæрæг, кæцы ивгъуыд азы æмбæлон периоды бæрæггæнæнæй 4,6 процентæй фылдæр у. Кусджыты æмтгæйон нымæцæй 40,9 процент сты сылгоймæгтæ, æрмæст 59,1 % та – нæлгоймæгтæ.
Кусæг адæмы æмтгæйон нымæцы 36,3 % ставд бизнесы архайынц, 22.2% – астæуккагы, æрмæс баззайгæ 41,5% – лыстæг бизнесы. Æххуырст кусджыты æмтгæйон нымæц 652,2 мин адæймаг у (ивгъуыд азы æмбæлон периодимæ абаргæйæ -3.9% фылдæр). Кондадты æмтгæйон хардз персоналыл – 2 632.6 милуан ларийæ фæбæрæгис (ивгъуыд азы æмбæлон периодимæ абаргæйæ -16.9% фылдæр).
2019 азы III кварталы астæуккаг мæйоон мызд бизнессекторы у 1 316,2 ларийы бæрц (ивгъуыд азы аналогион периоды бæрæггæнæнимæ абаргæйæ, райрæзт ис 129.5 ларийæ), сæ нымæцы сылгоймæгты мызд у – 978.8 лари (ивгъуыд азы аналогион периоды бæрæггæнæнимæ абаргæйæ, райрæзт ис 87.2 ларийæ). Амалиуæгадты асмæ гæсгæ, астæуккаг æрвылмæйоон мызд ахæм у: ставд бизнес – 1281.1 лари, астæуккаг бизнес – 1463.6 лари, лыстæг бизнес – 1260.2 лари.