Сакстат – январ-сентябры Гуырдзыстонæн ставддæр экспортон бæстæ уыд Китай, сегасдæр егъау импортер та Турк
Январ-Сентябры дæс сегасдæр ставд экспортон бæстæйы хай Гуырдзыстоны æмтгæйон экспорты 76,9 процентмæ аххæссыд. Гуырдзыстоны æддæ базарады фæдыл развæлгъау бæрæггæнæнтæ публикаци кæны Сакстат.
Сакстаты хъусинагæй, экспорты æрдгæй æртæ ставддæр бæстæйы æхсæн – 355,3 АИШ долларæй фыццаг бынат ахсы Китай, дыккаг бынатыл Азербайджан – 327,9 млн АИШ долларæй, æрмæст æртыккаг бынатыл та Уæрæсе – 308,6 млн АИШ долларæй.
Уыйимæ иумæ развæлгъау бæрæггæнæнтæй, январ-сентябры дæс ставддæр импортон партнер бæстæйы хай, Гуырдзыстоны æмтгæйон импорты 69,8 % уыд. Фыццаг æртæ бынат афтæ райуæрст сты: Турк – 981,6 млн АИШ долларæй, Уæрæсе – 626 млн АИШ долларæй æмæ Китай – 509,6 млн АИШ долларæй.
Статистикæйы националон куысты развæлгъау информацийæ, цæугæ азы январ-сентябры дæс ставд базарадон партнер бæстæйы хай, Гуырдзыстоны æмтгæйон æддæ базарадон зилдухы, 70, 4 процент уыд. Бæстæйы ставддæр базарадон партнертæ сты – Турк – 1 124.4 млн АИШ долларæй, Уæрæсе – 934,6 млн АИШ долларæй æмæ Китай – 864,9 млн АИШ долларæй.