Сакстат  - Июлы Гуырдзыстоны  арæзтад фæзынаргъдæр  ис
Сакстат - Июлы Гуырдзыстоны арæзтад фæзынаргъдæр ис

Статистикæйы националон куысты  бæрæггæнæнтæй  2024  азы   июлы   арæзтады  аргъы  индекс  раззаг мæйимæ  абаргæйæ  0.9  процентæй  райрæзтис.

Сакстаты хъусинагæй,  фæнысангонд ивддзинады  сæйраг расайæг уыд   аразтады  къабазы  æххуырст  куысджыты  астæуккаг   æрвылмæййон  номиналон   мызды  5.4 процентон рæзтæй, кæцы  1.06 процентон  пункт  баста  æмтгæйон  индексы ивдмæ.

«Раззаг азы  æмбæлгæ  мæйимæ   абаргæйæ  арæзтады  аргъы  индекс   райрæзтис 7.8 процентæй. Индексы рæзт  фылдæр,  арæзтады  къабазы æххуырст  кусджыты астæуккаг æрвылмæййон   мызды  24.5 процентон рæзтæй æмæ  арæзтадон æрмæджыты  3.3 пцроентон фæзынаргъæй  расайгæ, кæцы    4.65 æмæ  1.95 процентон   пункт бахаста   æмтгæйон   индексы   ивдмæ. Уыимæ  2022  азы  февралимæ абаргæйæ   арæзтады  аргъы  индекс райрæзтис 18.3 процентæй», –  банысангонд у  Сакстаты публикацигонд хыгъдлæвæрды.