Сакстат – Гуырдзыстоны экономикæ авд мæйы дæргъы аст процентæй сырæзт
2025 азы июлы, ивгъуыд азы æмбæлон периодимæ абаргæйæ, экономикæ сырæзт 6,5 проценты, 2025 азы фыццаг авд мæйы рæстæмбис темп та сбæлвырд ис 8,0 проценты.
Уый фæдыл информаци статистикæйы националон службæ парахат кæны.
Июлы, ивгъуыд азы æмбæлон периодимæ абаргæйæ, рæзтмæ нысаниуæгджын хайбавæрд бахастой ахæм къабæзтæ: транспорт æмæ æвæрæн, информаци æмæ бастдзинад, фæлладуадзæн, базарад. Кондадон æмæ арæзтадон секторты рабæрæг ныллæг тенденци.