Статистикæйы националон куысты официалон бæрæггæнæнтæй, 2019 азы æртыккаг кварталы Гуырдзыстоны астæуккаг мæйон мызд, ивгъуыд азы аналогион периодимæ абаргæйæ, 91.6 ларийæ райрæзтис æмæ 1 217 ларимæ схызтис.
Статистикон бæрæггæнæнтæй, мыздты рæзт фæбæрæг ис алы секторы. Æрмæст абаргæйæ бæрзонд миздтæ сфиксир сты ахæм къабæзты: арæзтад – 2008 лари (æрвылазон рæзт – 16.4 процент); информаци æмæ коммуникаци – 1958 лари (æрвылазон рæзт – 3.7 процент); финансон æмæ фæдзæхсыны сферæтæ – 1898.6 лари ( афæдзон рæзт – 19.4 процент).
2019 азы æртыккаг кварталы сылгоймæгты мыздтæ 924 ларийæ, æрмæст нæлгоймæгты – 1475 ларийæ фæбæрæг сты. Куысты хуызтæм гæсгæйæ, нæлгоймæгты мызд зæгъæн ис алы секторы, фылдæр уыд сылгоймæгты мыздтæй.