Иу афæдзы мидæг бизнес-секторы сæвзæрдзæн 40 мин ног куыстбынат.
Статистикæйы националон куысты бæрæггæннтæнм гæсгæ, 2016 азы цыппæрæм кварталы кусджыты нымæц 620 мин уыдис, 2017 азы цыппæрæм кварталы та 660 мины.
Статистикæмæ гæсгæ, сеппæтæй фылдæр ног куыстбынат сæвзæрд арæзтады секторы. Кæд 2016 азы кæрон куысджыты нымæц 65 623 адæймаг уыдис, 2017 азы цыппæрæм кварталы 73 385.
Кусæг æмбæстæгты нымæц афтæдæр райрæзтис бакусæн кондадты, иугуыр æмæ хицæн базарады, æнæнизхъахъъæды æмæ администрацион куыстыты.
Сакстаты бæрæггæнæнтæй, райрæзт бизнесы секторы кусджыты мыздтæ дæр. 2017 азы цыппæрæм кварталы астæуккаг иумæйййон мызд 1241,5 ларимæ аххæссыд, кæцы ивгъуыд афæдзы æмбæлон периоды уынинагимæ абаргæйæ у 111,1 ларийæ фылдæр.