Сакстат -  2022  азы  Гуырдзыстоны  цæрынæн  æнæмæнгхъæугæ æххуыс цæрджыты 17.4!!! процент иста
Сакстат - 2022 азы Гуырдзыстоны цæрынæн æнæмæнгхъæугæ æххуыс цæрджыты 17.4!!! процент иста

Статистикæйы националон куысты бæрæггæнæнтæй, 2022 азы  Гуырдзыстоны  цæрынæн хъæугæ  æххуыс исджыты  нымæц 647 738–ы онг фæфылдæр ис. Уый фæстиуæгæн   цæрынæн  хъæугæ æххуыс исынц цæрджыты 17.4 процент.

Фæнысангонд  бæрæггæнæн  2021 азимæ абаргæйæ 9.2  процентæй  фæфылдæр ис. Кæнæ та  2022 азы, 2021 азимæ абаргæйæ, 60 214-æй  фылдæр  адæймаг исы  æххуыс.

Цæрынæн хъæугæ  æххуыс исæг цæрджыты  фæстаг фондз азы  статистикæ  ахæм у: 2018 аз – 438 583 адæймаг, 2019 аз – 441 448 адæймаг, 2020 аз – 482 702адæймаг, 2021 аз – 587 524 адæймаг, 2022  аз – 647 738  адæймаг.