Сакстат - 2022 азы афæдзон инфляци 12.8 проценты бæрц сфиксир ис
Сакстаты бæрæггæнæнтæй, 2022 азы июны раззаг азимæ абаргæйæ, инфляцийы æмвæзад, Гуырдзыстоны 0.2 процент, афæдзон инфляцийы бæрæггæнæн та 12.8 проценты бæрц уыд.
Базисон инфляцийы тыххæй куы зæгъæм, фæнысангонд бæрæггæнæн 2022 азы июны, ивгъуыд азы æмбæлгæ периодимæ абаргæйæ 5.8 %ы бæрц уыд, æрмæст тамакойæ цух базисон инфляцийы бæрæггæнæн, 6.6%-æй сбæрæг ис.
Æрвылмæййон инфляцийы бæрæггæнæны фирмиркæныныл сæйраг æндæвдад уыд æргъты ивдæн ахæм къордтыл: фысымуаттæ, кафе æмæ ресторантæ: къорды сфиксир ис æргъты рæзт 23.3%, кæцы инфляцийыл фæзындис 0.1 пунктæй. Æргътæ райрæзтысты æхсæвбонкæнæн лæггады(5.5%) æмæ æхсæнадон хæрæндæтты (2.0%) дæлкъордты; хæлцадон продукттæ æмæ æнæалкоголон ныуæзт: къорды æргътæ райрæзтысты 0.1%-æй, кæцы мæйы инфляцийыл фæзындис 0.08 процентон пунктæй. Фæзынаргъ сты ахæм дæлкъордты: дыргъ æмæ сæнæфсир (2.2%), къофи, цай æмæ какао(1.2%), дзул æмæ дзулпродукттæ (1 %), зети æмæ сой (0.9%). Уыимæ, æргътæ фæкъаддæр сты халсарыл (-4.2%); Акологолон ныуæзт, тамако: къорды æргътæ райрæзтысты 0.7%, кæцы 0.05 процентон пунктæй фæзындис æмтгæйон индексы рæзтыл. Æргътæ фæзынаргъ сты акоголон ныуæзты (1.4%) дæлкъордтыл; æнæниздзинады хъахъхъæд: къорды æргътæ фæкъаддæр сты 0.4%, кæцы -0.04 процентон пунктæй фæзындис æмтгæйон индексыл. Æргъты фæкъаддæр сфиксир ис медицинон продукцийы, аппаратурæйы æмæ мигæнæнты дæлкъордты (-0.8%).