Сакстат- 2021 азы апрелы раззаг азы аналогион периодимæ абаргæйæ, экономикæ 44.8 процентæй райрæзтис
Статистикæйы националон куысты развæлгъау аргълæвæрдмæ гæсгæйæ, 2021 азы апрелы, раззаг азы аналогион периодимæ абаргæйæ, реалон æмтгæйон мид продукт (æмп) рæзт аххæссыд 44.8%, æрмæст 2021 азы фыццаг цыппар мæйы астæуккаг бæрæггæнæн, 8.1 проценты бæрц у.
Сакстаты хъусинагæй, 2021 азы апрелы, раззаг азы аналогион периодимæ абаргæйæ, рæзт рахатинаг уыд ахæм кабæзты: бакусæн кондадтæ, арæзтад, базарад, транспорт æмæ æвæрæнтæ, фысымуаттæ æмæ ресторантæ, финансон æмæ фæдзæхсыны кабаз, æнæзмæлгæ мулкимæ баст куыст, профессион, зонадон æмæ техникон куыст.
Фæкъаддæры тенденци сфиксир ис æрзæтæфтиагон фадгуыты.