Сæрибары фæзыл Гуырдзыстоны хæдбардзинады бонмæ цæттæгæнæн мадзæлттæ цæуынц
Сæрибары фæзыл Гуырдзыстоны хæдбардзинады бонмæ цæттæгæнæн мадзæлттæ цæуынц

Сæрибардзинады фæзы сæйраг мадзалмæ цæттæгæнæн мадзæлттæ дарддæр кæнынц. Абон  уыд генералон репетици.

Гуырдзыстоны хихъахъæнады министрады пресс-куыстуаты информацимæ гæсгæ, репетицийы хайад истой вице-премьер æмæ хихъахъæнады министр Ираклий Чиковани, министры фыццаг хæдивæг Паата Патиашвили æмæ хихъахъæнады тыхты бæрзонд бæрнонтæ. Æфсæддон церемонийы цæттæгæнæн куыстытæ хъахъхъæнынады тыхты командæгæнæг, инæлар-лейтенант Матиашвили Гиоргий сарæзта. Бынатыл уыдысты Хъахъхъæнынады тыхты алы командæкæнынады сæргълæуджытæ, æмæ директоримæ иумæ хатдзæгтæ сарæзтой кæронбæттæн лыстæгдзинæдтæн.

Минитсрады информацимæ гæсгæ, хъахъхъæнынады тыхты персоналæй дарддæр ма, репетицийы хайад райстой националон æфсæддон службæйы ногдзаутæ, кæцытæ церемониалон уагæй 26 майы райсдзысты æфсæддон ард æмæ хъахъхъæнынады тыхты скондмæ бацæудзысты. Сæрибары фæзуатæй уæлдай ма æфсæддонтæ ард бахæрдзысты ноджы фондз историон бынаты æнæхъæн бæстæйы.

26-æм майы, традицимæ гæсгæ, цæрджытæн фадат уыдзæн фенын æфсæддон техникæ, хæцæнгæрзтæ æмæ æрмæг 21 горæты æмæ муниципалон сконды. Равдыстытæ арæзт æрцæудзысты Тбилисы, Горы, Ахалгоры, Мцхетайы, Руставы, Кутаисы, Зугдиды, Озургеты, Поты, Хоны, Амбролауры, Батумы, Телавы, Ахалкалакы, Марнеулы, Сенакы, Самтредиайы, Багдаты, Чхороцхъуйы, Абашайы æмæ Мартвилийы. Сæрибары фæзуаты ардбахæрды церемони æмæ церемониалон мадзалы кæрон, уæлдæфон хъахъхъæнынады æмæ авиацийы командæйы хæдтæхджытæ атæхдзысты.