Сæны националон агентад – Гуырдзыстоны сæны экспортон аргъы рæзгæ тенденци 2025-æм азы сбæрæг ис
Сæны националон агентад – Гуырдзыстоны сæны экспортон аргъы рæзгæ тенденци 2025-æм азы сбæрæг ис

2025-æм азы гуырдзиаг сæны экспортон аргъы рæзты  тенденци уыд сбæрæг ис, кæцы нысан кæны, цæмæй гуырдзиаг сæн премиалон сегменты йæхи фидар кæны – уый фæдыл сæны националон агентад хъусын кæны.
Сæ ныхасмæ гæсгæ, 2025-æм азы иу литр гуырдзиаг сæны экспортон аргъ 2024-æм азмæ абаргæйæ сырæзт æмæ 2.98 АИШ-ы доллармæ баххæсыд. 2024 азы ацы нымæц уыд 2,91 АИШ доллары.
Стратегион базарты иу литры гуырдзиаг сæны астæугкаг экспортон аргъ сеппæтæй бæрзонддæр у Америкæйы Иугонд Штатты æмæ у 6.17 АИШ доллары, уый фæстæ Япони – 5.77 АИШ доллары, Хуссар Корея – 5.26 АИШ доллары, Стыр Британи – 5.19 АИШ доллары, Германи – 4.73 АИШ доллары, Китай – 3.14 АИШ доллары æмæ Польшæйы – 2.5.5 АИШ доллары.