Сæйраг прокуратурæ,Габриел Салосы уынгыл спецоперацийы рæстæджы ахст уæнгмæ гæсгæ публикаци кæны фидиуæн
Сæйраг прокуратурæ,Габриел Салосы уынгыл спецоперацийы рæстæджы  ахст уæнгмæ гæсгæ   публикаци кæны фидиуæн

Сæйраг прокуратурæ, Габриел Салосы уынгыл   спецоперацийы рæстæджы  ахст уæнгмæ гæсгæ   информацийы парахат кæны.

«Гуырдызстоны сæйраг прокуратурæ,  фæсарæн бæстæйы  террористон организациты  уæнгдзинады æмæ террористон    архæйдтыты  æххуысы, афтæдæр æхсæнгарзы, хæцæн æрмæгы, рæмудзæн буарадты æмæ гарзæгты   террористон нысанæй   æнæзакъононæй   балхæд-бавæрын-хæссыны  тыххæй, С.Д.-йæн аххосаг бавдыста  Гуырдзыстоны тугтæрхоны  барады кодексы  323 прима статийы  фыццаг хайæ æсмæ 328  статийæ.

Фæдагуырдæй фæбæрæг, цæмæй С.Д.  æмхъуыдыджынтимæ иумæ, с. Тбилисы  Габриел Салосы  уынгыл  иуæй-иу хæдзары æрцардис, цыран уый æмæ йæ  мхъуыдыджынтæ, æнæзакъононæй, террористон нысанæй  æлхæд стыр бæрцæй  рæмудзæн буарадты, хæцæн æрмæджыты,  рæмудзæн гарзæгты æмæ   æхсæнгарз  æвæрдтой.

Барадхъахъæнджытæ оперативон информацийы бындурыл,С.Д.-йы  Тбилисы  2017 азы  21 ноябры  æрцахстой. Ахсты рæстæджы уымæ ссардæуыд,  æнæзакъононæй  æлхæд  æхсæнгарз хæцæн нæмгуытимæ иумæ.

С.Д.-йы ахсты фæстæ, Тбилисы Габриел Саолсы уынгы  иуæй-иу хæдзары   уæвæг  æртæ  террорист  не  сразы  сты барадхъахъхæнджыты   æркуырдимæ – хæдзары дуар бакæнын  æмæ æхсæнгарз раттыны фæдыл.  Уыдон спырх кодтой гранатæтæ  æмæ  æхсæнгарзæй   барадхъахъхъæнджыты  æрдæм райдыдтой æхст,  кæцы рæстæджы дæр буары æндæр æмæ æндæр    зиæнттæ райстой  Гуырдзыстоны МХМ-ы   æмæ   паддззахадон æдасдзинады   куысты  специалон   нысаниуæгы балы   фондз уæнг, æрмæст сæ иу та, райсгæ  зиæнтты фæстиуæгæн фæмард.

Хъуыддагыл  Гуырдзыстоны паддзахадон  æдадсзинады  куысты дарддæр кæны  фæдæвзарæн, Гуырдзыстоны тугтæрхоны  барады  кодексы 323  прима статийы  æртыккаг хайæ,  323  прима статийы  фыццаг хайæ æмæ 328  статийæ»- дзырдæуы  фидиуæны.