Прокуратурæ – Мирза Субелианиимæ баст ныффыстыл  фæдагуырд райдыдта   пенитенцион системæйы  кусæгы  куырдиаты бындурыл,  кæцымæ хисæрмагонд  цардуагы æвдисæг  кадрты  публикацийæ  æртъхъирæн  кодтой
Прокуратурæ – Мирза Субелианиимæ баст ныффыстыл фæдагуырд райдыдта пенитенцион системæйы кусæгы куырдиаты бындурыл, кæцымæ хисæрмагонд цардуагы æвдисæг кадрты публикацийæ æртъхъирæн кодтой

Мирза Субелианиимæ баст ныффыстыл  фæдагуырд райдыдта   пенитенцион системæйы  кусæгы И.П.-ы  куырдиаты  бындурыл,  кæцымæ гæсгæ  дæр  цæугæ азы  12  октябры, йæ рдæм сæххæст ис  шантаж  æмæ хъомысдарынад:  Хисæрмагонд цардуагы  æвдисæг  кадрты публикацийы  ауадзыны  æртъхъирæнæй – уый фæдыл дзырдæуы  сæйраг прокуратурæйы  специалон  фидиуæны.

Фыццаг Къанал   прокуратурæйы  фидиуæны уын æнхъары  æнæивгæйæ:

«Гуырдзыстоны сæйраг прокуратурæ ноджы иу  хатт æмбарын кæны, цæмæй  аудіо-ныффыстыл, кæцыйы  æнхъæлцау  фигурир  кæны   М.С. В.Дж. æмæ  Д.Ц,,  фæдæвзарæн мадзæлттæ райдыдта   2018  азы  12 октябры, уæдмæ  цалынмæ аудіо-ныффыст иуæй-иу   медиа-фæрæзы  эфиры  ацыдысты.

Фæдæвзарæн  ацы  этапыл  цæуы  тугтæрхоны барады хъуыддагыл, хисæрмагонд цардуагы  сусæгдзинады  æнæзакононæй  айсыны  æмæ   бавæрыны,  тыхы бын бакæныны,  ахсты уæвæг  уæнгы  сæрмагонд ныхас, æвварстæй  ныффысыны, стæй ацы  ныффысты  æнæзакъононæй  бавæрын æмæ  æнцонвадатдзинады срæвдз кæныны  æмæ кусæн æххæстбарты  гæнæн  фæфылдæры фактытыл, Гуырдзыстоны тугтæрхоны барады кодексы  150-æм  статийы  фыццаг хаййæ,  157(1)-æм статийы   фыццаг хайæ, 158-æм статийы  фыццаг æмæ дыккаг хайæ, афтæма 333-æм   статийы  фыццаг фыццаг хайæ  бæрæг  фыдракæндты  нысæнттыл.

ХЪуыддагыл фæдæвзарæн райдыдта,   специалон пенитенцион куысты  кусæг  И.П.-ы куырдиаты бындурыл,  кæцымæ гæсгæ  дæр,  цæугæ азы  12 октябры, йе рдæм сæххæст ис   шантаж æмæ  хъомысдарынад: хисæрмагонд цардуагы  æвдисæг  кадрты  публикацийы ауадзыны  æртъхъирæнæй  æмбæстаг И.П. –йæ  æркуырдтой  ахæст  М.С.-ы  фембæлдты  сусæг  ныффыстытæ  ахæлиу кæнын.

ФÆдæвзарæны фæлгæтты, И,П.-йæ   систой   хъуыдыйыдарæг картæ,   кæцыйы мидæг ис   цалдæр сусæг ныффыст, сæ нымæцы  уыцы  файл дæр,   кæцы  знон ахæлиу ис   междиафæрæзты.  Алы ныффысты  автентондзинады  сбæлвырд кæныны  нысанæй  сырæздзæн  æмбæлон  экспертизæ.

Райдайгæ фæдæвзарæны фæлгæтты  уагъд цæуы  алы  æнæмæнгхъæугæ  фæдæвзарæнон æмæ  процессон  мадзæлттæ,  куыд  ацы  фыдракæндимæ баст  алы  уæнгы   раргом кæнынæн, афтæдæр   медиа-фæрæзты   ахæлиугонд   сусæг  аудионыффысты цы фыдракæндты фактытæ фæбæрæг сты  уый фæдыл.

Иурæстæгонæй, систæ  аудионыффыстыты  фыццаг  анализыл  æнцойæ,  фæдæвзарæн  интенсивонæй  уынаффæ кæны  уæнгты къорды   конкретон мидисы   ныхæсты  организацийы  версийыл, фæстæдæр сæ ахæлиу кæныны нысанæй.

Фæдæвзарæны интенсивондзинады тыххæй,  прокуратурæ  ацы  этапыл  нæ   раргом кæндзæн  фæдæвзарæны  процессы  цы аудіо-ныффыстытæ  самал кодта  уыдон.  Фæлæ  бæрзонд æхсæнадон   интересæй  рацæугæйæ,  прокуратурæ, интенсивонæй  информир кæндзæн дзыллæйы  фæдагуырды  цыды  фæдыл» –  дзырдæуы прокуратурæйы фидиуæны.