Сæйраг прокуратурæ,Габриел Салосы уынгыл спецоперацийы рæстæджы ахст уæнгмæ гæсгæ публикаци кæны фидиуæн
Сæйраг прокуратурæ, Габриел Салосы уынгыл спецоперацийы рæстæджы ахст уæнгмæ гæсгæ информацийы парахат кæны.
«Гуырдызстоны сæйраг прокуратурæ, фæсарæн бæстæйы террористон организациты уæнгдзинады æмæ террористон архæйдтыты æххуысы, афтæдæр æхсæнгарзы, хæцæн æрмæгы, рæмудзæн буарадты æмæ гарзæгты террористон нысанæй æнæзакъононæй балхæд-бавæрын-хæссыны тыххæй, С.Д.-йæн аххосаг бавдыста Гуырдзыстоны тугтæрхоны барады кодексы 323 прима статийы фыццаг хайæ æсмæ 328 статийæ.
Фæдагуырдæй фæбæрæг, цæмæй С.Д. æмхъуыдыджынтимæ иумæ, с. Тбилисы Габриел Салосы уынгыл иуæй-иу хæдзары æрцардис, цыран уый æмæ йæ мхъуыдыджынтæ, æнæзакъононæй, террористон нысанæй æлхæд стыр бæрцæй рæмудзæн буарадты, хæцæн æрмæджыты, рæмудзæн гарзæгты æмæ æхсæнгарз æвæрдтой.
Барадхъахъæнджытæ оперативон информацийы бындурыл,С.Д.-йы Тбилисы 2017 азы 21 ноябры æрцахстой. Ахсты рæстæджы уымæ ссардæуыд, æнæзакъононæй æлхæд æхсæнгарз хæцæн нæмгуытимæ иумæ.
С.Д.-йы ахсты фæстæ, Тбилисы Габриел Саолсы уынгы иуæй-иу хæдзары уæвæг æртæ террорист не сразы сты барадхъахъхæнджыты æркуырдимæ – хæдзары дуар бакæнын æмæ æхсæнгарз раттыны фæдыл. Уыдон спырх кодтой гранатæтæ æмæ æхсæнгарзæй барадхъахъхъæнджыты æрдæм райдыдтой æхст, кæцы рæстæджы дæр буары æндæр æмæ æндæр зиæнттæ райстой Гуырдзыстоны МХМ-ы æмæ паддззахадон æдасдзинады куысты специалон нысаниуæгы балы фондз уæнг, æрмæст сæ иу та, райсгæ зиæнтты фæстиуæгæн фæмард.
Хъуыддагыл Гуырдзыстоны паддзахадон æдадсзинады куысты дарддæр кæны фæдæвзарæн, Гуырдзыстоны тугтæрхоны барады кодексы 323 прима статийы æртыккаг хайæ, 323 прима статийы фыццаг хайæ æмæ 328 статийæ»- дзырдæуы фидиуæны.