Сæйраг горæты сæрмæмулкы бæлвырдгæнæн æвдиснгæххæтытæ лæвæрд уыдзæн ноджы 218 бинонтæн
Тбилисы ноджы 218 бинонтæм уыд лæвæрд сæрмагонд цæрæн фæзуат? – уый фæдыл Тбилисы мэр Каха Каладзе, муниципалитеты хицауады рабадтыл райхъусын кодта.
Йæ дзырдæй зæгъгæ ацы бинонтæ рагæй æнхъæлмæ кæсынц уымæ, цæмæй сæм цæрæн фæзуаттæ, кæцыты азты дæргъы цæрынц, уыдонæн сæрмæмулкмæ лæвæрд æрцæуа.
«Закъонмæ гæсгæ, æнæбæлвырд мулкы сæрмагонд исадмæ алæвæрд нысаниуæгджын программæ у. Уый æххæст кæнын райдыдтам 2017 азæй. Ацы этапыл Самгоры районы сæрмæмулк закъонмæ гæсгæ сбæлвырд ис 77 бинонтæн. Вакейы районы -57 бинонтæн, Надзаладевийы районы -26 бинонтæн, Глданийы -31, Сабурталойы районы – 21 бинонтæн, Исанийы – 5, Чугъуреты районы та иу хæдзары бинонтæн», – райхъусын кодта Каладзе.
Йæ дзырдæй, зæгъгæ æмбæстæгтæ, кæцытæн аналогон проблемæ ис, хъуамæ баздæхой сæрмагонд районты гамгеобатæм.
«Кæмæндæриддæр ахæм проблемæтæ ис, уыдонæн сæ бон у баздæхын сæрмагонд районы гамгеобатæм æмæ бавдисын æмбæлгæ документтæ, цæмæй райдайæт цæрæн хæдзæртты сæрмæмулкмæ алæвæрды процесс», – банысан кодта Каха Каладзе.