Цалдæр минуты размæ Михеил Саакашвилийы йæ фарсхæцджытæ спецназы автомобилæй сластой æмæ йæ ссæрибар кодтой.
Саакашвили фарсхæцджытæм æрсидтис цæмæй тох ма фæуромой.
Фыццаг Каналы журналист Киевæй куыд хъусын кæны афтæмæй, Саакашвили фарсхæцджытимæ иумæ Радайы бæстыхайы æрдæм араст сты, цы ран протестон акцийы саразын хъавынц.
Саакашвили Фыццаг Каналы журналистæн куыд загъта афтæмæй, уæлахисдзинады тыххæй райгуырд æмæ ацы уæлахисдзинадмæ æнæмæнгæй баххæсдзæн Украинæйы дæр æмæ Гуырдзыстоны дæр. Йæ ныхæстæм гæсгæ, нæ хъавы тох фæроумын нæ дæр Украинæйы æмæ нæ дæр Гуырдзыстоны.
Одессæйы раздæры губернатор егъаумасштабон акциты ауадзын æмæ Украинæйы архайæг президенты Петро Порошенкойы импичменты æркурын хъавы.