Саакашвили фарсхæцджытимæ иумæ Радайы бæстыхайы æрдæм араст сты
Саакашвили  фарсхæцджытимæ иумæ  Радайы бæстыхайы æрдæм араст сты

Цалдæр минуты размæ  Михеил Саакашвилийы йæ фарсхæцджытæ  спецназы  автомобилæй  сластой æмæ йæ ссæрибар кодтой.

Саакашвили  фарсхæцджытæм æрсидтис цæмæй  тох  ма фæуромой.

Фыццаг Каналы  журналист   Киевæй куыд хъусын кæны афтæмæй,   Саакашвили  фарсхæцджытимæ иумæ  Радайы бæстыхайы æрдæм араст сты,  цы  ран  протестон  акцийы саразын хъавынц.

Саакашвили Фыццаг Каналы  журналистæн  куыд  загъта афтæмæй,    уæлахисдзинады  тыххæй райгуырд  æмæ  ацы уæлахисдзинадмæ æнæмæнгæй  баххæсдзæн  Украинæйы дæр æмæ  Гуырдзыстоны дæр.   Йæ ныхæстæм гæсгæ,    нæ хъавы  тох фæроумын  нæ дæр Украинæйы æмæ нæ дæр Гуырдзыстоны.

Одессæйы раздæры губернатор  егъаумасштабон акциты ауадзын  æмæ Украинæйы  архайæг президенты  Петро Порошенкойы  импичменты  æркурын  хъавы.