Руставы  усы æмæ усы мады  марындзинады зылынмæ лæвæрдæн рагафон мадзалы хуызæй  стæрхон кодтой  ахст
Руставы усы æмæ усы мады марындзинады зылынмæ лæвæрдæн рагафон мадзалы хуызæй стæрхон кодтой ахст

Руставы  йæ усы æмæ йæ  усы мады марындзинады  зылынмæ лæвæрд Гиорги Пирашвилийæн  рагафон æфхæрдыхуызæй,  ахст стæрхогн кодтой.

Пирашвилийæн аххосаг бавдыстæуыд  дыууæ статийæ. Мæрмагондæй та,  тугтæрхоны барады  кодексы 11 прима  109-æм статийы  «К» æмæ «Л» дæлпунктæй, кæцы йæ  хъуыдыйы  дары  бинонты дыууæ уæнгы ныхмæ  уæззау  уавæрты  сæххæст барæй марындзинад.  Афтæма 126 прима статийæ, кæцы  йæ хъуыдыйы  дары  психикон  тыхмидзинад.

Куыд фæбæрæг афтæмæй, зылынмæ лæвæрд  систематонæй надта  йæ усы, тобæ йын кодта  хæдзарæй рацæуын,  бинонты нæдæр уæнгтимæ телефонæй дзурын,  дарæсы стилы   сывзарын.  Арæх иу æй сæхгæдта хæдзары. 20 марты та  йыл физикъогн тыхмидзинады  ракодта.

Прокурроры фидиуæнæй, 20 аздзыд Мариам Сопромадзейы, зылынмæ лæвæрд хурх кодта, кæцыйы фæстæ  уый йæ мады хæдзармæ æрыздæхт. Уымæй  зылымæ  лæвæрд систематонæй куырдта   бафидауын  æмæ  фæстæмæ æрыздæхын.  Хъуыддаджы æрмæджытæй фæбæрæг ис, цæмæй  зылынмæ лæвæрд  систематонæй  фæлхас кодта марихуанайæ. Марындзинады æхсæнгарз та уый  фыццаг апрелы балхæдта æмæ йæ хæдтулгæты æмбæхста.

Хъуыддаджы æрмæджытæй фæбæрæг ис, цæмæй  марындзинады зылынмæ лæвæрд  факты онг цалдæр минут размæ  медицинон уагдоны  усимæ æмæ сывæллонимæ иумæ  уыдис.  Уагдонæй  рацæуыны фæстæ уыдонæй рахицæн ис æмæ сæм фæндагыл хъузоны бабадтис. Иргъæвæг фарсæй  та адвокаты дзырдæй зылынмæ лæвæрд  шокиргонд уавæры уыдис, уый тыххæй  пайда кæны  æнæсдзырды барæй.  Йæхæдæг адвокат та альтернативон   фæдагуырд ауадзын хъавы.

Бæрæгдзырдæн, 22 майы, Руставы, Думбадзейы уынгы  уæвæг скъверы, мад æмæ чызгы  цуанон топпæй уыцы рæстæджы фехстой, сывæллоны каласкæйæ  медицинон  уагдонæй куы рацæйкодтой.  Барадхъахъхъæнджытæ  æрцæугæйы тыххæй  27 аздзыд Гиорги Пирашвилийы  æрцахстой.