Руставелийы проспектыл, цыран акци сырæзт, сыгъдæггæнæн службæ кусы
Ацы рæстæгмæ акцийы хайадисджытæ нал сты Руставелийы проспектыл, цыран акци сырæзт. Митингы архайджытæй чидæртæ сæхæдæг ныууагътой уыцы бынат, кæй та сæ барадхъахъхъæнджытæ акодтой. Руставелийы проспектыл барадхъахъхъæнджытæ нырма дæр сты.
Митингы рæстæг цалдæр хатты уавæр фæкарздæр. Барадхъахъхъæнджыты æмæ митингы хайадисджыты æхсæн ныхмæлæуд сырæзт.
Митингы рæстæджы пъæлицæйæгтæ спайда кодтой доны топпытæй æмæ сæрмагонд фæрæзтæй.
Митингы архайджытæ барадхъахъхъæнджытæм æппæрстой алыхуызон дзаумæттæ.
Фæстæдæр митингы хайадисджытæ сарæзтой баррикадæтæ, кæцытыл уый фæстæ басыгътой арт.
Ацы рæстæгмæ уæвæг бæрæггæнæнтæм гæсгæ, цæфтæ сты митингы хайадисджытæ, афтæ дæр барадхъахъхъæнджытæ æмæ журналисттæ.