Румынийы сенаты европаг фарстаты комитеты сæрдар – Гуырдзыстон европаг цивилизаци у æмæ мæ хъуыдымæ гæсгæ, афон у, байгом уа ауæрæхы фæдыл бадзырдтæ
Æхсызгон мын у, нæ хыгъдлæвæрды Гуырдзыстоны сæххæст прогрессыл кæй цæуы дзырд уый, æз уæ бæстæйы хæлар дæн æмæ уынын, цæмæй Гуырдзыстоны æмæ Молдовæйы фæдлы ис ныффыстытæ уыцы фоныл, ауæрæх Евроцæдисæн иуæй-иу фидæнон приориет куы у, уæд иттæг нысаниуæгджын у – уый фæдыл Румынийы сенаты Еропаг фарстаты комитеты сæрдар Василе Динку райхуъсын кодта.
Румынаг депутат Евроцæдисы æнг бæстæты парламентты æддагон хъуыддæгты комитеты сæрдæртты форматы уагъд фембæлдыл райхъусын кодта, цæмæй Гуырдзыстон Европаг æдасдзинадæн ахсджиаг элемент у.
«НАТО-йы парламентон ассамблейыл Таллины æркастыстæм Гуырдзыстоны æдадсзинад, уымæн æмæ Сау Денджызы регион æмæ регионы æдадсзинад, æнæрмæст НАТО-йæн, Евроцæдисæн дæр нысаниуæгджын у, уымæн æмæ уый нæхи, Европаг æдасдзинад дæр у. Гуырдзыстон европаг æдасдзинадæн у ахсджиаг элемент. Æхсызгон мын у Гуырдзыстоны сæххæст прогресс, кæцыйы фæдыл нын радзуры хыгъдлæвæрд. Гуырдзыстон у европаг цивилизаци æмæ мæ хъуыдымæ гæсгæ, афон у Гуырдзимæ дæр байгом уа ауæрæхыфæдыл бадзырдтæ æмæ ацы процесс – Украинайы, Молдовæйы æмæ Гуырдзыстонæн ацæуа иумæ, афтæ куыд Ныгуылæн Балкантимæ», – райхъусын кодта Румынаг депутат.