Румынийы президент – нысаниуæгджын у НАТО-йæ фарсхæцын стынг кæнын куыд Украинайы, афтæ Молдовæ, Гуырдзыстоны æмæ Босни-Герцоговинæйæн
Нысаниуæгджын у альянсæй æххуыс стынг кæнын, куыд Украинайы, афтæ регионы НАТО-йы сегасдæр æнцон фæцæфгæнæн партнертæн, цахæм дæр сты Молдовæ, Гуырдзыстон æмæ Босни-Герцоговинæ – уый фæдыл НАТО-йы генералон нымæрдар Йенс СТОлтенбергимæ Бухаресты уагъд иумæйаг пресс-конференцийыл Румынийы президент Клаус Йоханнис райхъусын кодта.
«Фембæлдыл бахахх кодтам Румынийы фидар æмæ конкретон фарсхæцын Украинайы суверенитеты, территорион æнæхъæндзинады æмæ хæдбарадæн. Афтæма бахахх кодтам альянсы æххуыс стынг кæнын, регионы НАТО-йы сегасдæр æнцон фæцæфгæнæн партнертæн, цахæм дæр сты Молдовæ, Гуырдзыстон æмæ Босни-Герцоговинæ. Уæлæмхас проблемæ у стратегион уавæры стынг кæнын Сау денджызы регионы, кæцы æххæссы æлхынцъон аспекттæм, сæ нымæцы энергоæдасдзинад æмæ денджызон дыууæрдæм змæлды сæрибардзинадмæ» райхъусын кодта Клаус Йоханнис.
Клаус Йоханнис æмæ Йенс Столтенбергы фембæлд НАТО-йы фæсарæн хъуыддæгты министериалы иу бон агъоммæ ацыд. Министериалы фæлгæтты плангонд у фембæлд Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министримæ дæр.