Рос Уилсон - æнæмæнгхъæугæ у, алчи скад кæна æвзæрстыты фæстиуджытæн æмæ сразы уæт уæлахиздзауы æнтыстимæ
Æппæт Гуырдзыстоны Каталикос-Патриарх Илья Дыккаг хистæр аргъуанархайджытимæ иумæ Гуырдзыстоны АИШ-ы ног минæвары хæстæ æххæстгæнæгы Рос Уилсоны райста.
Патриархийы информацийæ, фембæлдыл ныхас баххæссыд Гуырдзыстоны æмæ АИШ-ы æхсæн уæвæг ахастытæ афтæдæр æркастысты æндæр æмæ æндæр нысаниуæгджын фарста. Фембæлдыл афтæдæр аргъ скодтой Гуырдзыстоны уагъд президентон æвзæрстытæн.
«Æвзæрстыты период иу махмæ уæззау вæййы, уымæн æмæ эмоцион адæм стæмю Абоны онг састбаййафæг фарс нырма не сразы ис Саломэ Зурабишвили кæй фæуæлахиз ис уыйимæ» – райхъусын кодта Патриарх.
Минæвары хæстæ æххæстгæнæгы ныхæстæм гæсгæ та нысаниуæгджын æмæ æнæмæнгхъæугæ у алчи скад кæна æвзæрстыты фæстиуджытæн æмæ сразы уæнт уæлахиздзауы уæлахиздзинадимæ.
«Мæхи сæрмагонд ахаст у ахæм, Гуырдзыстон ацы хабæрттæ хъуамæ рацæуа. Демократи йæхи нымæры йæ хъуыдыйы дары куыд уæлахиздзинад – афтæ саст дæр æмæ мæнмæ гæсгæ, зондджын лидертæ, кæцытæ сагъæс кæнынц сæ бæстæйыл афтæдæр аудын кой кæнынц сæ партийы дæргъвæтин æнтыстыл, хъуамæ сразы уой уыйимæ. Æз Гуырдзыстоны хицауадæн дæр бацамыдтон , цæмæй хъуамæ сæ зæрдыл дарæт рекоменадцитæ, кæцыты сын раттой æхсæнадæмон организацитæ, æмæ уыцы сахъатты схафой кæцытæ фæбæрæг сты. Цæй зæгъын æй хъæуы нымайын, цæмæй нысаниуæгджын у алчи скад кæна æвзæрстыты фæстиуджытæн æмæ уæлахиздзауæн» – райхъусын кодта АИШ-ы минæвары хæстæ æххæстгæнæг.
Фембæлды кæрон Илья Дыккаг Рос Уилсонæн зырдылдарæн лæвар адæтта æмæ равдыста æмгуыстады фæарфдæр кæныны фæндон.
Информацийы хæлиу кæны Гуырдзыстоны Патриархий.