Ромы Пап - Гуырдзиæгтæ фылдæр фажæтты аккаг сты, гуырдзиаг адæм кæддæриддæр иу, йæ культурæ æмæ ныфсджындзинады фæрцы фæрæзта зындзинæдтæн сæ ныхмæ слæууын
Ромы Пап Сулхан-Саба Орбелианийы университеты делегацийæн сфысым кодта æмæ сæм æрсидтис, спайда кæной ахуырадæй æмæ уырнынадæй, цæмæй схæцой тарыб цыфæндыйы ахасты æмæ фыдзæрдæдзинады ныхмæ. Уый фæдыл информаци хъусын кæны «Ватикан Ньюс».
Пресс-релизы куыд дзырдæуы афтæмæй, Ромы Пап Франциск Гуырдзыстонæй Ватиканмæ ныццæугæ делегацийы уæнгтæм дзырдæй баздæхты, йæ хъусдард сцырын крдта фæсивæды ахуырады нысаниуæгыл. «Ахуырад æххуыс кæны фæсивæды рæзынадæн æмæ сегасдæр фæстиуæгджын уидæгты рæзтæн» – загъта Франциск.
Потифик ма афтæдæр фæныхас кодта Гуырдзыстоны тыххæй æмæ райхъусын кодта, ома уый у æвзонг паддзахад, кæцыйæн ис тынг рагон историй.
«Йæ дзырды Франциск хъусдард разæхта гуырдзиаг ныхас «ганатлеба»-мæ (рухсад) кæцы Понтификы дзырдæй, рацæуы ныхасæй «Натели» (рухс). Ромы Папы дзырдæй, зæгъгæ рухсадæн йæ бон у алцыппæт фæивын, афтæ куыд рухсæн тар къуымы, рухс акалын алы мигæнæныл.
«Гуырдзыстоны истори афтæдæр æфсæст у тарæй рухсмæ рахизыны цæвиттонтæй, бæстæ куы фæрæзта рухсы уæвын фыдрæстæджы, кæцы баст уыдис фæсарæйнаг тыхæйахсджытимæ, гуырдзиаг адæм фæрæзтой йæ ныхмæ слæууын уыцы зындзинæдтæн æмæ уый у культурæ æмæ уырнындзинады фæрцы. Гуырдзиæгтæ, фæсивæдæй райдайгæ, фылдæр фадæтты аккаг сты. Уыйимæ типон гуырдзиаг гуманизм, йæ уникалон аивдзинадæй аккаг у ссаргъ йын кæной æндæр рæтты дæр, æрмæст гуырдзиаг аивад, музыкæ æмæ æндæр сурæтгæнæн аивады формæтæй, ноджы фылдæр сбонджын уыдаит æндæр культурæты цытæй æфсæст ахастыты фæстиуæгæн. Цæвиттонæн ам дæр рухс æрхæсдзынæн, кæцы йæхи равдисынæн нæ фæлæ, уый тыххæй ис, цæмæй æндæрæн срухс кæна йæ алыварс. Афтæ у культурæ дæр, кæцы ног горизонттæ бакæны æмæ арæнты уæрæхдæр кæны», – райхъусын кодта Ромы Пап.