Ромы Пап дингæнджытæм Сыгъдæг Петры Базиликæйы балконæй традицион Куадзæнон эпистолæйимæ раздæхт
Ромы Пап Франциск дингæнджытæм Сыгъдæг Петры Базиликæйы балконæй традицион Куадзæнон эпистолæйимæ раздæхт.
«Urbi et Orbi» ( горæт æмæ дунемæ) динамынды Папæн йæ цæст бауарзта, украинаг æмæ уырыссаг адæмæн сабырдзинад, уацайрæгтæн – сæ хæдзæрттæм æрыздæхт æмæ æхсæнадæмон дзыллæмæ Украинайы хæст кæрон скæнын фæдыл арфæтæ.
«Баххуыс кæнут нæ уарзон украинаг адæмæн сабырдзинадмæ фæндагыл æмæ Куадзæны рухсы бапырх кæнут уырыссаг адæмыл. Банфысджын кæнут цæфты æмæ алкæй, чидæриддæр уарзон адæймагы фесæфты ацы хæсты тыххæй, æмæ уацайрæгтæ та сабырæй æрыздæхой сæ бинонтæм», – банысан кодта Ромы Пап.
Франциск фæныхас кодта Сирий æмæ Турчы зæххæнкъуысты амæттæгтыл æмæ солидарондзинад стынг кæныны æнæмæнгхъæуындзинадыл. Афтæма сабырад сфидарк æнынæн Израил æмæ Палестинæгты æхсæн диалогы сног кæнынмæ. Уыимæ ма Ромы Пап Африкæйы бæстæты социалон æмæ экономикон проблемæтыл æмæ сæ раз уæвæг быцæусидтытыл фæныхас кодта.