Роман Гоциридзе - Фарста тынг хуымæтæг у,  Саакашвили æрцæуы æмæ бахаудзæн ахæстонмæ, гуырдзиаг адæм, нæ æхсæнадæмон партнертæ уый уымæ стыр рæстæг нæ фæуадздзысты
Роман Гоциридзе - Фарста тынг хуымæтæг у, Саакашвили æрцæуы æмæ бахаудзæн ахæстонмæ, гуырдзиаг адæм, нæ æхсæнадæмон партнертæ уый уымæ стыр рæстæг нæ фæуадздзысты

 

Фарст лæууы  тынг  хуымæтæг, Саакашвили æрцæуы æмæ бахаудзæн ахæстонмæ. Гуырдзиаг адæм   кæнæ æвзæрстгæнджытæ æмæ нæ æхсæнадæмон партнертæ  Михеил Саакашвилийы   уым стыр рæстæг нæ фæуадздзысты, –  уый фæдыл  «Националон Змæлды» уæнг  Роман Гоциридзе   райхъусын кодта.

«Бирæ фарстыты æмвæзыл аргълæвæрдтæ  хъуыстам.  Цæвиттон  хæдтæхæгæй не рхиздзæн,   уый маневр у  æмæ  кæмдæр арæнæй æрбахиздзæн зæгъгæ, кæнæ та хицауад  хъавы, хæдтæхæг  æндæр ран æрбадын кæна.  Фæлæ   адонмæ зонд агурын  нæхъуаджы у æцæгдæр,  фæлæ  уый у тынг серьозон  æхсæнадæмон скандал.  Æнæрмæст скандал, фæлæ ма у  æхсæнадæмон фыдракæнд.  Ерын æцæг Уæрæсейы  Путинмæ  йæ нæ арвитдзысты.  Баззад ма  Ереван æмæ Трапизон, боныгъæд куы бæзза,  200 адæймагы, бæлццоны,  царды  рискы   куы æфтауыс, уый  гæнæн нæй.

Фарста тынг хуымæтæг у,  Саакашвили æрцæуы æмæ бахаудзæн ахæстонмæ. Гуырдзиаг адæм  кæнæ æвзæрстгæнджытæ æмæ нæ æхсæнадæмон партнертæ  Михеил Саакашвилийы   уым стыр рæстæг нæ фæуадздзысты.  Йæ ссæрибар кæнын  уыдзæн  рæстæгы  фарста.   Куыд бæстæйы мидæгæй афтæ  фæсарæнты дæр,  алчи зоны, цæмæй  Гуырдзыстоны нæй  тæрхондон, цæмæй Михеил Саакашвилийы ныхмæ  цæуы  политикон сурын  æмæ  рахæсгæ  тæрхоныскуыд   у политиконæй мотивацигонд.  Ацы  уавæрты Михеил Саакашвилийы  ахст тынг цъус рæстæг аххæсдзæн.  Йе рцыдыл куы цæуы  ныхас   æмæ æвзæрстыты контексты,   уæд, цæй зæгъын æй хъæуы,  йæ уынаффæ мотивиргонд у æвзæрстыты агъоммæ уæвæг уавæрæй.  Уый у  йæ  персоналон уынаффæ.  Уый у политикъон лигъдон  æмæ ацы 8 азы дæргъы, æнæрæстаг  лыгъды уæвыны  фæстæ уый ахицæн кодта  ахæм къахдзæф саразын», –   райхъусын кодта Роман Гоциридзе.