Роман Гоциридзе – Евроцæдисы рекомендацийы сыххæстыл нын ничи банымайдзæн  коррупциимæ тохы тыххæй æрмæст сæргонды ныффыссын, сæйраг у реалонæй  хæдбар уагдон саразын
Роман Гоциридзе – Евроцæдисы рекомендацийы сыххæстыл нын ничи банымайдзæн коррупциимæ тохы тыххæй æрмæст сæргонды ныффыссын, сæйраг у реалонæй хæдбар уагдон саразын

Бæрæг у, цæмæй  антикоррупцион  бюро  хæдбар нæ уыдзæн.  Йæ  къухдариуæггæнæджы  сывзардзæн премьер-министр, – уый фæдыл  «Националон Змæлды»  уæнг, Роман Гоциридзе   райхъусын кодта.

Гоциридзейы  дзырдæй,  премьер куы снысан кæны  ацы кæнæ иннæ бæрзонд гæсы, уый  кæддæриддæр  æххæстгæнæг   хицауады коммæгæс  æмæ  хицаугæнæг  балы  интересты лæггадгæнæг уыдзæн.

«Уый равдыста нæ практикæ. Махæн ис нæхи  закондæттæн иницитивæ, кæцы  ацы  уагдоны  максималон хæдбарад  сифтонг кæндзæн. Йæ  къухдариуæггæнæг  снысан уыдзæн парламенты  бæрзонд кворумæй, кæцы уыдзæн уый гаранти, ома зын уыдзæнис йæ куысты хифæтъыссын.  Евроцæдисы рекомендацийы сыххæстыл нын ничи  банымайдзæн  уый, цæмæй  коррупцийы ныхмæ тох  æрмæст   сæргонды  уа фыст, уымæн æмæ сæйраг у,  истæй  саразын нæ фæлæ,  ахæм уагдоны саразын, кæцы  реалонæй  хæдбар уыдзæн  æмæ  реалонæй сыххæст кæндзæн ацы  функци», –   райхъусын кодта Гоциридзе.