Роман Абрамовичæн Стыр Британийы визæ нал адарддæр кодтой

Роман  Абрамовичæн  Стыр Британийы   визæ   нал  адарддæр кодтой.  Уый  фæдыл  информацийы The Bell парахат кæны  бизнесмены  иуылхæстæгдæр  зылдыл  æнцойæ.

Руагъдады  хъусинагæй,    уырыссаг  миллиардерæн йæ  визæйы æмгъуыд  æртæкъуырийы  размæ  аивгъуыдта.  Афтæма  официалон нæзагъд   взæйы  алæвæрдыл   бизнесмен нырма нæ райста  æмæ   гæнæн ис йæ  гæххæттытæ  Стыр Британийы  хицауад  нырма  ноджы  ахуыр кæны  зæгъгæ.

Футболон клуб  «Челсийы»  бардарæгы хæдтæхæг  фæстагмæ Лондоны   апрелы  мæйы уыд.   Уый  тыххæй   цæмæй    Абрамовичæн  нæ  уыд визæ,   уымæн  ззнон   Англисы  кубокы  финалмæ  ныццуын дæр нæ бантыст.

Уæдмæ та   Стыр британийы   хъахъъхæнынады министр  Эбер  Радд   райхъусын кодта,   цæмæй   хицауад   бонджын  уырыссæгты визæты  сгарын   райрдыдта  зæгъгæ.  Лондон   ацы  къахдзæфы   уырыссаг  дывæрон  шпион  Сергей Скрипалы  фæхъæстæйы фæстæ   авæрдта.