«Ройтер» - Украина контрбырст райдаыны фæстæ  уырыссаг тыхты  ныхмæ бацæттæгонд 12 бригадæйæ  æрмæст æртæйы скусын кодта
«Ройтер» - Украина контрбырст райдаыны фæстæ уырыссаг тыхты ныхмæ бацæттæгонд 12 бригадæйæ æрмæст æртæйы скусын кодта

Украина  контрбырст  райдаыны  фæстæ   уырыссаг тыхты  ныхмæ бацæттæгонд 12 бригадæйæ, æрмæст 3  скусын кодта. Уый фæдыл информаци «Ройтер» æфсæддон аналитиктыл  æнцойæ  хъусын кæны.

«Ройтер» фыссы, цæмæй Украинайы  контрбырст исы формæ, фæлæ  сæйраг фæлварæн  нырма   не æрлæууыд, уымæн æмæ украинаг   гарзджын тыхтæ  бæрæг   дæрццæгыл сты  Уæрæсейы хъахъхъæыннады сæйраг хаххæй, æрмæст бырстмæ бацæттæгонд  тыхты  сæйраг хай та  цæттæ у.

Украина  операцимæ 12   згъæртанкон   бригадæ  сарызта, уыдонæй фараст  ахуыр æмæ ифтонггонд сты  ныгуылæны. Бригадæйы  иууыл цъус  3 500-4000  æфсæддон ис.

Æфсæддон  аналиткиты  аргълæвæрдæй,  Мæскуыйы  стратегийы нысан хуссары, æнхъæлцау у  максималонæй фæфылдæр кæны  украинаг æфсæддæтты   æхсæн амæтаг, цалынмæ Киев  бахæццæ уыдзæн  Уæрæсейы  хъахъхъæнынады  сæйраг хаххмæ  10-15 км-ы  дæрццæг.