Робин Данниган  Борджом-Харагаулы  националон паркмæ фæуазæг ис
Робин Данниган Борджом-Харагаулы националон паркмæ фæуазæг ис

Гуырдзыстоны Америкæйы Иугонд Штатты  минæвар Робин Данниган, Гуырдзыстоны иуæй-иу сегасдæр рагн  æмæ уникалон   Борджом-Харагаулы  националон  паркмæ фæуазæг ис æмæ Гуырдзыстоны  фæдæхст территориты фæткдæттыны    спецификæимæ  æмæ  рейнджерты  куыстимæ  базонгæ ис. Минæварæн  сфысым кодта  æрдзы хъахъъхæды æмæ хъæууон хæдзарады  министры  фыццаг хæдивæг  Нино Тандилашвили.

Ныхас уыд æрдзы хъахъхъæды æмæ  фæдзæхст территориты  æрдгæй  Гуырдзыстоны æмæ АИШы  æхсæн   уæвæг   æнтыстджын   æмæ æнгом  æмгуыстады  фарстатыл.  Фарсытæ  фидæнон  инициативæтыл, уы йнымæцы  хуыздæр æхсæнадæмон   фæлтæрддзинад фæхай кæныны  фарстатыл   фæуынаффæ кодтой.

Банысан кæнинаг у уый æмæ   æрдзы  хъахъхъæды æмæ  хъæууон хæдзарады министрад æмæ  фæдзæхст территориты  агентад АИШ-имæ  бирæ аз у  æнтыстджынæй æмкуыст кæны бирæ æрдгæй.   Америкæйы æхсæнадæмон райрæзты агентады (USAID) æххуысæй, бындурæвæрд  уыд  проекттæ куыд  уникалон биобирæгъуызондзинады консервацийы, афтæма,  экотуризмы райтынг æмæ фæдзæхст территориты системæты  институцион  стынг кæныны æрдгæй.

Уый æддæмæ ма,  фæдзæхст  территориты агентад активон æмкуыст кæны  АИШ-ы  хъæдгæс куыстимæ (US Forest Service), кæцы  нысаниуæгджынæй æххуыс кæны фæдзæхст территориты  биобирæгъуызондзинады консервацийы  цæстæнгасæй.  Хаххгонд у  зынгсирвæзты фæткдæттыны  системæты  стынг кæныны æрдгæй   æмгуыстад, сæрмагондæй  Борджом-Харагаулы паркы, кæцы иуæй-иу сеппæтæй  сыгъдтæссаг  территори у.  Америкæйы хъæдгæс куысты æххуысæй  бакуыстæуыд  Борджом-Харагаулы националон паркы  зынгсирвæзты фæткдæттыны  кусæн  верси, кæцы у  ауыргæнæн докмуент  Борджом-Харагаулы  националон паркы æм  фæдщæхст территориты агентадæн  зынгсирвæзт ликивдацион мадзæлттæ  сыххæст кæнынæн.