Роберта Меццолла – цæттæ кæнæм Евроцæдисы  ауæрæхмæ,  адæм нæм кæсынц Гуырдзыстоны, Украинайы, æмæ Молдовæйы,  цæттæ  хъуамæ уæм, цæмæй  сæм  Европæйы  къух раттæм
Роберта Меццолла – цæттæ кæнæм Евроцæдисы ауæрæхмæ, адæм нæм кæсынц Гуырдзыстоны, Украинайы, æмæ Молдовæйы, цæттæ хъуамæ уæм, цæмæй сæм Европæйы къух раттæм

Европарламенты президент Роберта Меццолла   йæ постмæ дыккæгæм хатт сывзарыны фæстæ   парламенты уæнгтæм  раздæзт.

Уый  фæныхас кодта   иудзинад æнæмæнгхъæугæ  кæй  у уый фæдыл, цæдистæ  ауæрæхдæр кæныныл  æмæ ацы  контексты   Гуырдзыстоны  кой дæр ракодта.

«Зынаргъ коллегæтæ, европæгтæ, бузныг уын   уе æвзæрсты тыххæй.  Æрвылбойнонæй  кусдзынæн уый тыххæй, цæмæй  фæраст уын кæнон  сымахæн æмæ парламентæн  уæ  æнхъæлцытæ.  Мах иумæ хъуамæ слæууæм  ныфсы политикæйы тыххæй æмæ  бæллиццы  тыххæй, кæцы у  Европæ.   Цæттæ  кнæм Евроцæдисы ауæрæхдæр кæнынмæ,  адæм нæм кæсынц  Украинайы, Молдовæ æмæ Гуырдзыстоны  æиæ Ныгуылæн Балканты, кæцытæн  стыр рæстæджы дæргъы  размæцыдыл нæйы  дзырдтам.  Мах хъуамæ  уæм  цæттæ, раттæм сын Европæйы къух, уымæн æмæ  алы бæстæ  фæцæуы  сгуыхтдзинады бындурæвæрд   сæрмагонд фæндагыл, кæцы  хъахъхъæны  æнæмæнг критеритæ.  Цæттæ хъуамæ  уæм,  ног дуне æмæ реалондзинадмæ», – райхъусын кодта Роберта Меццолла.

Роберта Меццоллайы  Европарламенты президентæй дыккæгæм æмгъуыдæй   цъус рстæг размæ сывзæрстой.