Риши Сунак – цалынмæ Уæрæсейы æфсæддæ нæ рацæудзысты бацахст территоритæй, уæдмæ нæй гæнæн никæцы реалон бадзырдты кой кæнын
Æхст фæурæды фæдыл Уæрæсемæ цыфæнды иуфарсон сидт абсолютонæй дзæгъæлы у уæвæг уавæры, – уый фæдыл Британийы премьер-министр Риши Сунак райхъусын кодта.
Фæнысангонд фидиуæн уый Ригæйы саммитыл сарызта.
«Уæрæсейы уымæй пайда кæны йæ æфсæддæ стынг кæнынæн. Цалынмæ уыдон нæ ацæудзысты цы территоритæ бацахстой уырдгæй, уæдмæ нæй гæнæн æмæ ма хъуамæ никæцы реалон бадзырдтæ», – банысан кодта Британийы премьер-министр.
Сунакы дзырдæй, зæгъгæ æхсæнадæмон дзыллæйы хъæддыхдзинад бæрæг у, уыдон Украинайы территорион æгасдзинады фарсдарæг сты.
«Фыццаджы дæр уымæн æмæ, сæ æдасдзинад у нæхи æдадсзинад», – бафтыдта Британийы премьер.