Риши Сунак – Цалынмæ Путины хæст дарддæр кæны, уый у тæссаг нæхи æмæ нæ æмцæдисонты æдасдзинадæн
Ай æппæт не рцыдаит, куы нæ уыдаит Уæрæсейы интервенци Украинамæ, цалынмæ Путины хæст дарддæр кæны, уый у тæссаг нæхи æмæ нæ æмцæдисонты æдасдзинадæн – уый фæдыл Стыр Британийы премьер-министр Риши Сунак Индонезийы, Украинайы Уæрæсейы ракетон хафтыты æмæ Польшæйы ракетæ æрхауыныл ныхасы рæстæджы райхъусын кодта.
«Стыр Дыууыны» саммиты фæуды фæстæ лæвæрд пресс-конефренцийыл Риши Сунак банысан кодта, ома дунейы лидертæ глобалон быцæусидтытæн куд бафæразой ууыл куы кусынц йеуæд, путин Украинайы æмбæстæгтыл бырстытæ æххæст кодта.
«Дунейы лидертæ иумæ куы куыстой нæ адæмы раз уæвæг стыр быцæусидтæн бафæразынæн, Путин йеуæд Украинайы æмбæстæгты бырстытæ æххæст кодта. Ацы бырстыты фæстæ, абон мах ауагъдтам æмцæдисонты фембæлд, цæмæй сбæлвырд кодтаиккам нæ солидарондзинад Украина æмæ Польшæйæн. Алчи дырыс хъуамæ бамбарæм, Уæрæсейы интервенци куы нæуыдиат Укринамæ, уæд ай бæрц æнамонддзинад не рцыдаит. Уый у Путины хæсты æбуалгъ æмæ æнæтæригъæд реалондзинад. Цалынмæ уый дарддæр кæндзæн, уæдмæ уыдзæн тæссаг нæ æдасдзинадæн æмæ нæ æмцæдисонтæн. Цалынмæ ай æппæт дарддæр кæны, уый дарддæр кæндзæн глобалон экономикæ куынæг кæнын», – райхъусын кодта Риши Сунак.