Рикъоты æфцæгыл автомагистралы арæзтад фæцис æмæ ног 52 километрон, 4 фæндагон Рикъоты экспресс-трассæйыл змæлд æххæстæй гом уыдзæн змæлдæн 30-æм декабры фæсæмбисбонæй.
Гуырдзыстоны хицауады информацийæ, Рикъоты автомагистраль 52 километры дæргъæн у æмæ йæм хауы 51 тъунел æмæ 97 хид. Се æхсæн сеппæтæй даргъдæр тъунелы дæргъ у иу километр æмæ 800 метры, сеппæтæй даргъдæр хид та у иу километр æмæ 362 метры дæргъæн.
«Ног автомагистраль æххæстæй ифтонггонд у нырыккон рухсдæттæг системæйæ æмæ æххæст кæны фæндаггон æдасдзинады дунеон стандарттæ» – ис фыст Гуырдзыстоны хицауады фидиуæны.
Гуырдзыстоны инфраструктурæйы министрады информацийæ, фæндаджы эксплуатацимæ раттын фæндаджы дæрддзæг аст километрæй фæкъаддæр кæндзæн æмæ змæлды рæстæг æрдæгыл фæкъаддæр уыдзæн.
«Проект æххæстгонд æрцыд Азийы рæзынады банкъы (ADB), Европæйы инвестицион банкъы (EIB), Дунеон банкъы (WB) æмæ Гуырдзыстоны паддзахадон бюджеты æмфинансирдзинадæй.
Проектон æмæ арæзтадон куыстыты иумæйаг аргъ у 2,6 миллиард ларийы бæрц», – дзырдæуы инфраструктурæйы министрады хъусинаджы.