Резинæйæ нæмгуыты фæтобæ  кæныны   æркуырдæй  сырæзт петици
Резинæйæ нæмгуыты фæтобæ кæныны æркуырдæй сырæзт петици

Фæтобæ  уæнт  резинæйæ  нæмгуыты  фæрцы  протестон акцитæ ныссæндын – ацы  æркуырдæй  «Æмбæстагон змæлд»  хæлиу кæны  петиций. Æмтгæй  райсгæйæ  20 000  къухфысты   æрымбырд кæнын хæъуы.

«Æмбæстагон змæлды»   куыд  банысан кодтой  афтæмæй,   пкетицийыл  къух бафыстой  2000   адæймаг.

«Æнæруадзгæ  у   сабырадон митинггæнджыты  ныссæндын   ахæм  хотыхтæй,  кæцы  адæймаджы фæсахъатджн кæны кæнæ та  йæ  амары. Хотыхы   инструкцийы  комкоммæ  амынд у  цæмæй  уымæй  пайда кæнын   адæймаджы ныхмæ    расайы  мæлæддзаг цæфтæ.  Полицийы  фæдыл   закъоны   12-æм стати  бæлвырд кæны, уыцы специалон мадзæлтты  ранымад,  кæцытæй  гæнæн ис  спайда кæна  сабырадон демонстрациты  рæстæджы.  Ацы ранымады  никуы ис  ныхас  резинæйæ  нæмгуытæй  пайда кæныны  тыххæй.  Бæрæг куыд у  афтæмæй  закъоны мидæг уæвæг   ныффыст – «æнæлеталон  æхсæнгарз»   полицийы æрдгæй   нымадмæ ист æрцыд   куыд резинæйæ  нæмгуытæй, митинггæнджыты   ныхмæ  спайда кæныны  барæй.

Кургæ стæм æнæаргъæвгæйæ  æрымбырд уа   парламенты уæлрадон   рабадт æмæ   ивдтытæ  бацæуæт  полицийы тыххæй   закъонмæ.   КОмкоммæ фæтобæ  уа, резинæйæ нæмгуыты фæрцы   протестон акциты  ныссæндын» –  фыст ис   фидиуæны.