Reuters – Сирия химикон хæцæнгарзы ног хуызтыл куыст даргъ кæны

Reuters – Сирия химикон хæцæнгарзы ног хуызтыл куыст даргъ кæны

Сирийы хицауад химикон хæцæнгарзы ног хуызты куыст даргъ кæны. АИШ-ы президент Дональд Трамп та радон химикон бабырсты фæмацыйæн æфсæдтон тыхы спайдамæ цæттæ у – уый фæдыл информаци Reuters пархат кæны.

АИШ-ы хицауад хъуыды кæны, цæмæй Уæрæсе-Америкайы бадзырдмæ æнæкæсгæ, кæцы Дамаскæн 2014-æм азы сæрды хæцæнгарзы æнæхъæнæй скуынæгы хæс лæвæрдта, президент Башар Асад химикон хæцæнгарзы хай бавæрдта æмæ ноджы ног хуызтыл куыст адаргъ кодта.

2017-æм азы 4-æм апрелы бабырсты фæстиуæг 87 адæймаг  фæмард, се æхсæн 30 саби уыд. 550 йæ фылдæр та уæззау цæфтæ баййæфта.