«Ренд Корпорейшны» хыгъдлæвæрды хъуыдыйыдард у Гуырдзыстонæн æххуыс
Аналитикон центр «Ренд Корпорейшены» хыгъдлæвæрды, Сау Денджызыл Уæрæсейы уромыны схемæйы Гуырдзыстонæн æххуыс у нымад.
Аналитикон центры хыгъдлæвæрды мидæг дзырдæуы, цæмæй Уæрæсейы æрдгæй Хъырымы оккупаци æмæ милитаризаци, Сау Денджызы флоты ранæуæг æмæ Хуссары æфсæддон зылды тыхты ауæрæх, регионы Мæскуыйы мæцъистæ фæтыхджындæр кодта, кæцыйы нысан у сыхæгты æнæхъахъхъæд ныууадзын, цæмæй Уæрæсейы политикъон-экономикон æмæ зныггадгæнæг æндæвдад, æнæкуылымпыйæ сыххæст уа.
«Ренд Корпорейшены» хыгъдлæвæрдмæ гæсгæйæ, ныгуылæны дзуапп Болгари æмæ Румынийы нырыккон уæлдæфон æмæ донбылы хъахъхъæды системæты равæрын, НАТО-йы ахуырты ауæрæхдæр кæнын æмæ Украина æмæ Гуырдзыстонæн æххуыс рауæлдай кæнын хъуамæ уа, цæмæй уыдон националон хъахъхъъæнынады фæрæзтæ райтынг кæнын бафæразой.
«Ренд Корпорейшен» 1948 азы бындурæвæрд америкаг институт у, кæцы АИШ-ы гарзджын тыхтæн, иртасæн æмæ анализ æнхъары. Организацийы финанс кæнынц, АИШ-ы хицауад, корпорацитæ, университеттæ æмæ хицæн уæнгтæ.