«Ренд Корпорейшны» хыгъдлæвæрды хъуыдыйыдард у Гуырдзыстонæн  æххуыс
«Ренд Корпорейшны» хыгъдлæвæрды хъуыдыйыдард у Гуырдзыстонæн æххуыс

Аналитикон центр «Ренд Корпорейшены»  хыгъдлæвæрды, Сау Денджызыл  Уæрæсейы  уромыны схемæйы Гуырдзыстонæн  æххуыс у  нымад.

Аналитикон  центры хыгъдлæвæрды мидæг дзырдæуы,   цæмæй   Уæрæсейы  æрдгæй  Хъырымы оккупаци æмæ  милитаризаци, Сау Денджызы  флоты  ранæуæг æмæ Хуссары æфсæддон  зылды  тыхты  ауæрæх,    регионы  Мæскуыйы  мæцъистæ  фæтыхджындæр кодта, кæцыйы  нысан у сыхæгты   æнæхъахъхъæд ныууадзын, цæмæй   Уæрæсейы  политикъон-экономикон   æмæ зныггадгæнæг   æндæвдад, æнæкуылымпыйæ  сыххæст уа.

«Ренд Корпорейшены» хыгъдлæвæрдмæ гæсгæйæ,   ныгуылæны  дзуапп  Болгари æмæ  Румынийы  нырыккон   уæлдæфон  æмæ донбылы  хъахъхъæды  системæты  равæрын, НАТО-йы  ахуырты   ауæрæхдæр кæнын æмæ  Украина æмæ Гуырдзыстонæн  æххуыс  рауæлдай кæнын хъуамæ уа,  цæмæй  уыдон националон   хъахъхъъæнынады  фæрæзтæ райтынг кæнын бафæразой.

«Ренд Корпорейшен» 1948 азы бындурæвæрд  америкаг  институт у, кæцы  АИШ-ы  гарзджын тыхтæн,  иртасæн æмæ  анализ æнхъары. Организацийы  финанс кæнынц, АИШ-ы  хицауад, корпорацитæ, университеттæ æмæ  хицæн  уæнгтæ.