«Реформæты къорд», «Националон Змæлд» æмæ «Лело» Украинайы фæдыл иуæймаг фидиуæн аразынц
Парламентон фракци, «Реформæты къорд», «Националон Змæлд» æмæ «Лело», Украинайы фæдыл иумæйаг фидиуæн хæлиу кæнынц.
Фидиуæны цалдæр фарстамæ у хъусдард здæхт, сæ нымæцы дзырдæуы, ома парламентон оппозици æмæ фылдæртæ иумæйагæй райсæт Украинайы фарсхæцæг парламентон резолюци, стратегион хæлары æмæ партнерæн иумæйаг пазддзахадон, бирæпартион фарсхцæн позици равдисыны нысанæн.
Уыимæ ма, фидиуæн æххæссы ахæм фарстатæм: Гуырдзыстон-Украинайы хæлæртты къорды активизаци æмæ æввахс бонты иуæймаг фарсхæцыны демоснтрацийы нысанæй Киевмæ парламентон фылдæрты æмæ оппозицийы иуæймаг визиты организаци; цæугæ къуырийы Гуырдзыстоны парламенты комитетон форматы фæсарæн хъуыддæгты министримæ æмæ хъахъхъæнынады министримæ фембæлын æмæ Украинайы цæугæ фæзындты æркæсын.
Фидиуæныл кухбафысджытæ сидынц Гуырдзыстоны премьер-министримæ, «рбахона националон æдасдзинады советы ауæрæхгонд рабадт Украинайы ныхмæ Уæрæсейы ранæуæггонд агрессийы фоныл Гуырдзыстон æмæ регионæн сæвзæргæ гæнæн тасы фæдыл æмæ æмбæлгæ мадзæлттæ бакусыны нысанæн».
«Гуырдзыстоны парламенты афтæдæр инициргонд у Гуырдзыстон НАТО-йы уæнгсуæвынæн фарсхæцæн резолюци. Парламент æввахс парламентон сессийыл æркæсæд æмæ райсæд иуæймаг резолюци фæнысангонд фарстайы фæдыл. Курæг стæм парламенты сæрдарæй, фæсарæн хъуыддæгты æмæ хъахъхъæнынады æмæ æдасдзинады комитетты сæрдæрттæй, æнæаргъæвгæйæ райдайæт консультацитæ ацы фасрстатæ æркæсынæн», – банысангонд у фидиуæны.