Реджеб Тайип Эрдогъан - Турк Уæрæсеимæ иумæйаг æфсæддон амалиуæгадæй цымидисджын у
Турк Уæрæсеимæ иумæйаг æфсæддон амалиуæгадæй цымидисджын у. Уый фæдыл фидиуæн Уæрæсемæ визиты рæстæджы Турчы президент Реджеб Тайип Эрдогъан сарызта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, æфсæддон амалиуæгады къабазы æмкуысткæнынад æххæссы ногдæр æфсæддон хæдтæхджытæ аразынмæ дæр.
Уæрæсейы президент куыд райхъусын кодта афтæмæй, Эрдогъанимæ бадзырдты рæстæджы, уырыссаг авиакуынæггæнæг «СУ-35»-ы æмæ иуыл ног «СУ-57»-ы иумæйаг амалиуæгадыл фæныхас кодтой.
Реджеб Тайип Эрдогъан æмæ Владимир Путин абон иумæ уыдысты авиацион техникæйы равдыстыл, кæцы рæстæджы дæр лидертæ иуыл ног уырыссаг техникæйы æмæ сæ нымæцы авиакуынæггæнæг «СУ-57»-ы федтой.