Реджеб Таийп Эрдогъан хъусын кæны, цæмæй Володимир Зеленскийæн банхъарыд Владимир Путинимæ фембæлын Турчы
Турчы президент Реджеб Тайип Эрдогъан хуъсын кæны, цæмæй Львовы уагъд фембæлдыл Украинайы президент Володимир Зеленскийæн банхъарыд Уæрæсейы президентимæ фембæлын Турчы.
«Володимир Зеленскиимæ æркасытстæм дыууæфарсон æмгуыстады алы аспект. Ноджы иу хатт райхъусын кодтон, цæмæй Украинайы территорион æнæхъæндзинадмæ нæ солидарондзинад æмæ фарсхæцын адарддæр уыдзæн, раст афтæ загътон Путинæн дæр Сочæйы уагъд фембæлды рæстæджы. Бакой кодтон Володимир Зеленскийæн, цæмæй нæ бон у се хсæн фембæлд организаци скæнын», – райхъусын кодта Эрдогъан.
Украинайы горæт Львовы Турчы æмæ Украинайы президентты афтæма Ино-йы генералон нымæрдары фембæлд знон ацыд.