Развæлгъау бæрæггæнæнтæй, Гуырдзыстоны æддагон базарадон зилдух 11.8 процентæй фæкъаддæрдæр ис
Статистикæйы националон куысты развæлгъау бæрæггæнæнтæй, 2020 азы январ-февралы Гуырдзыстоны базайрагæй æддагон базарадон зилдух (æнæдеклариргонд базарадæй цух) ахæццæ ис 3 463.5 м илуан АИШ доллармæ, кæцы раззаг азы аналогион периодимæ абаргæйæ 11,8 процентæй къаддæрдæр у.
Развæлгъау бæрæггæнæнтæм гæсгæйæ, фæнысангонд периоды экспорт уыд 1 001.3 милуан АИШ доллары бæрц – раззаг азы ацы периоды бæрæгггæнæнтæй 11.9 процентæй къаддæрдæр, æрмæст импорт 2 462.2 милуан аиш доллар – 11.8 процентæй къаддæрдæр.
Æппæрццаг базарадон баланс та 2020 азы январ-апрелы 1 460.8 млн аиш долларыл фæбæрæг ис æмæ æддагон базарадон зилдухы 42.2 проценты бæрц у.
Афтæма январ-апрелы базайрагон къордтæй экспорты дæсойы фыццаг бынатыл сты æрхуы згъæрдур æмæ концентраттæ 215,7 млн. АИШ долларæй, дыккаг бынатыл рог автомобильтæ 134,8 млн. АИШдолларæй, æрмæст æртыккаг бынатыл та – згъæрты æмтад 91,8 млн АИШ долларæй.
Импорты тыххæй куы зæгъæм, ставддæр импортон базайрагон къорд 2020 азы январ-апрелы уыд рог хæдтулгæтæ, кæцыты импорт 186,1 млн АИШ доллармæ аххæссыд. Дыккаг ыбнатыл уыд нефт æмæ нефтпродукттæ 171,2 млн АИШ долларæй, æрмæст æртыккаг бынатыл æрхуы згъæрдур æмæ концентраттæ 166,1 млн АИШ доллары аргъæй.