Раздæры депутат генерал Сосо Кутателадзейы Руставы мардæй ссардтой
Раздæры депутат генерал Сосо Кутателадзейы  Руставы мардæй ссардтой

Рустави Стамболы базарæй цы  фæхонынц  уый иуæй-иу  бардарæгы,  кæцыйы сæрмагонд кабинеты мардæй ссардтой,    раздæры  депутат,  генерал  Сосо Кутателадзе.

Уый фæдыл    информаци  Фыццаг Каналæн сбæлвырд кодтой  базары кусджытæ.  Сæ информацийæ,  фæмардуæвæгы бинонтæ æрцæугæйы тыххæй  информиргонд сты.

Фыццаг Каналы  журналист бынатæй куыд хъусын кæны афтæмæй,    æвдисæнты  ныхæстæм гæсгæ,   фæмардуæвæгы ссардта йе мкусæг.

 

Цъус рæстæджы размæ, бынатмæ бацыд   базары  ноджы иу   бардарæг,   кæцыйы  ныхæстæм гæсгæ,    фæмардуæвæг зæгъгæ никæмæ уыд  конфликтон ахасты  æмæ  уымæн нæу бæрæг  цы æрцыд уый.

Ацы минутты  цауы бынатыл   кусынц эксперт-криминалисттæ.

Сос Кутателадзе  1964 азы  райгуырд.  1991 азæй службæ кодта  Гуырдзыстоны  гарзджын тыхты  æндæр æмæ æндæр  постыл. 2001  азы онг  куыста Сачхерейы  батальоны;2001 азæй – националон   гвардийы  сконды;  2004-2006  азты  националон  гвардийы  сæрдар.

2008 азæй уыд  Гуырдзыстоны парламенты  уæнг  æмæ хъахъхъæнынады  æмæ æдасдзинады  комитеты  сæрдары хæдивæг.

Генерал Сосо Кутателадзе   хайад иста  Гуырдзыстоны  территорион æнæнхъæндзинадæн  тохы   Абхази  æмæ   Цхинвалы регионы, афтæдæр сабырадон   операциты Иракъы.

Уыдис бригадæй  генерал,  лæвæрд йæм уыд  АИШ-ы  армийы  генерал-майоры  кадджын титул,   афтæдæр сачхерейы  цытджын  æмбæстагы ном хаста.