Рати Брегадзе – Саакашвилийæн ис бар сатæг уæлдæфыл уæвынæн, кæцыйæ уый нæ пайда кæны хивæндæй
Михеил Саакашвили ифтонггонд у боны мидæг æртæ хаттон хæлцадæй, лæвæрд йæм цæуы алы хъæугæ медикамент, кæцытйæ бæрæг медикаменттæ нæ исы, ис йын сатæг уæлдæфыл уæвыны æмæ тезгъойы бар, кæцытæй хивæндæй нæ пайда кæны – уый фæдыл Гуырдзыстоны юстицийы министр Рати Брегадзе райхъусын кодта брифингыл.
Афтæма йæ дзырдæй, информаци, цæвиттон Михеил Саакашвилйæн рæувадат нæ уыд æмбæлгæ медицинон лæгад, у гæдыдзинад. Уыимæ ма Брегадзе загъта, цæмæй ныхас уыдæттыл ома Саакашвили æхомраг у, раст нæу, æмæ у нысанон кампани пенитенцион куысты ныхмæ.
«Дохтыртæ ма уы йдæр дзурынц, цæмæй йæм лæвæрд цæуы алы медикамент, кæцы йын æнæмæнгхъæугæ у, фæлæ хаххгондæй зæгъын хъæуы уый, цæмæй Михеил Саакашвили æвзары медикаментты бæрæг ранымад æмæ сæ нæ исы, фæлæ уый æппæт йын рæувадат у. Уымæн æххæстæй рæувадат у юстицийы министрады æрдгæй алы уыцы медикамент, кæцыты йын рафыстой дохтыртæ æмæ растдæр уый тыххæй пенитенцион куыст ахæлиу кодта фидиуæн, кæцыйæ ангажиргонд субъекттæй курæг стæм, ныууадзой нысанон дезинформацийы кампани» – райхъусын кодта Рати Брегадзе.