Рати Брегадзе OSCE/ODIHR-ы цæстдарæг миссиимæ кусæн фембæлд ауагъдта
Юстицийы министр Рати Брегадзе фембæлдис OSCEы демократон институтты æмæ адæймаджы барты офисы (OSCE/ODIHR) æвзæрстыты цæстдарæгон миссийы къухдариуæггæнæг Оуэн Мерфиимæ.
Юстицийы министрады информацийæ, министр фембæлдыл æныхас кодта уæгъдибар æмæ рæстаг æвзæрстыты тыххæй æхсæнуагдонон комиссийы куысты æнтыстджын практикæйыл, кæцыйы мандат паддзахаон структурæты кусджытæн æвзарæнон закъондæттынады халыны превенци æмæ хæлдтытыл реагиркæнын у. Фæнысани, цæмæй юстицийы министрады къухдариуæгæй кусæг комисси æнæрмæст реагир кæны æнхъæлцау хæлдтыты фактыл, фæлæ ма проактивонæй æххæст кæны монторинг гæнæн æвзарæнон хæлдтыты рабæрæг кæнынæн.
Фарсытæ сбæлвырд кодтой фидæны æмгуыстадмæ цæттæдзинад.
Бæрæгдзырдæн: Гуырдзыстоны хицауады хуындæй 2024 азы 11 сентябры OSCE-ы демократон институтты æмæ адæймаджы барты офис (OSCE/ODIHR) Гуырдзыстонмæ рарвыста цæстдарæг мисси 2024 азы 26 октябры парламентон æвæрстытæм цæст бадарынæн. Мисси аргъ скæндзæн æвзæрстыты æмбæлондзинадæн OSCE-йы раз хæсистытæм æмæ демократон æвзæрстытæн бæлвырд æндæр æхсæнадæмон стандарттæм, афтæма цас æмбæлгæ сты националон закъондæттынадмæ.