РАСЕ -йы  разæвзарæнон делегацийы  къухдариуæггæнæг – уæгъдибар æмæ рæстаг æвзæрстытæ скуыддзаггæнæг  фарста у  Европæйы Гуырдзыстоны  бынат бахъахъхъæнынæн
РАСЕ -йы разæвзарæнон делегацийы къухдариуæггæнæг – уæгъдибар æмæ рæстаг æвзæрстытæ скуыддзаггæнæг фарста у Европæйы Гуырдзыстоны бынат бахъахъхъæнынæн

Европæйы Советы  парламентон ассамблейы (РАСЕ) 2024 азы  26 октябры   разæвзарæнон  делегаци,  Юлиан Булайы къухдариуæгæй, Гуыдзыстонмæ  дыууæбонон визиты фæцис.  Информацийы хъусын кæны Гуырдзыстоны  Европæйы  Советы офис.

Юлиан Булайы  фидиуæнæй, октябры   взæрстытæ  Гуырдзыстоны европаг   интеграцийы фæндагыл  сæрмагонд периоды ацæудзæн.   Афтæма  йæ  дзырдæй, зæгъгæ   уæгъдибар   æмæ рæстаг æвзæрстытæ, кæцы  алы  фарсы   æрдгæй  уыдзæн нымадмæ ист легитимоныл,  скуыддзаггæнæг рол  сыххæст  кæндзæн бæстæйы  европаг струтктурæты  рæстаг бынат бацахсыны.

«Нæ делегаци катайгæнæг у,  ома политикон  лæндшафты   поляризаци   ахæццæ ис прецедент цæмæн нæй  ахæм æмвæзадмæ,  кæцы  фидæн  парламентон æвзæрстыты, Гуырдзыстоны демократийы  траэкторийыл  де-факто  референдумæй  фестын кæндзæн.    Разы  дæн делегациимæ  фембæлдты  хайадисæг  уæнгты   хъыгзинадмæ  демонстрациты ныссæндыны æмæ  хъауджы  хъуыдыйы  равдысты  сурыны  тыххæй,  уымæн æмæ  демонстрацитæ дæр æмæ  хъауджы хъуыдыйы равдисын дæр æххæстæй  легитимон   у  демократон   дзыллæйы. Хицауад хæсджын адæймаджы  барты стандарттæм æмбæлгæйæ   архайынц,  æнæпропорцион  тыхæй   спайдайæ  йæхи баурома æмæ тыхмидзинады  цаутыл  т афоныл  æмæ лæмбынæг фæдагуырд  ауадзын» –   райхъусын кодта Юлиан Булай.

Уыимæ, йæ дзырдæй,  зæгъгæ « Мæтæфтауæг у оппозицийы  уæнгты  гæнæн балгъивыны  факттæ, афтæ  куыд æртхъирæн,  тасы æфтауын æмæ фыдзæрдæ æвзагæй урын æмбæстагон   дзыллæйы æмæ медиайы  минæвæртты  ныхмæ».

Евросоветы  парламентон ассамблейы  æххæстбарджын  32 уæнгæй  делегаци, Венецийы  Комиссийы  барады  эксперттимæ иумæ, Гуырдзыстонмæ 2024 азы   26 октябры  хъæлæскæнынмæ  цæстдарæгы  статусæй æрцæудзæн.