Раса Юнкевичене - Гуырдзыстонæн кæддæриддæр ис фарсхæцын, æххуыс уыдзæн мæхирдгæй дæр, фæлæ бæстæ дæр хъуамæ бамбара, цы нысан кæны, уай европаг, сæрмагондæй та хицауад
Гуырдзыстонæн кæддæриддæр ис фарсхæцын, ацы æххуыс уыдзæн мæхирдгæй дæр, фæлæ проблемæ уый мидæг ис æмæ бæстæ дæр хъуамæ бамбара, цы нысан кæны, уай европаг, сæрмагондæй та хицауад, – уый фæдыл европарламентари Раса Юнкевичене загъта гуырдзиаг журналисттæн.
Афтæма йæ дзырдæй, евроцæдисы уæнгтæм кандидат алы бæстæйæн уыдзæн аргълæвæрд индивидуалонæй. Раса Юнкевичене куыд дзуры афтæмæй, ацы процесс иу бонмæ нæ фæуыдзæн зæгъгæ.
«600-йæ фылдæр европарламентари сразы стæм резолюциимæ уыцы ныффыстæй, цæмæй европаг совет хъуамæ райдайæт дискуситæ Украинйæн Евроцæдисы уæнгдзинады кандидаты статус раттыныл æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, æндæр бæстæтыл дæр. Диссаг нæу уый, цæмæй Гуырдзыстонæн кæддæриддæр ис фарсхæцын, ацы æххуыс уыдзæн мæхирдгæй дæр, фæлæ проблемæ уый мидæг ис æмæ бæстæ дæр хъуамæ бамбара, цы нысан кæны, уай европаг, сæрмагондæй та хицауад. Гуырдзыйаг адæмæй дызæрдыг нæ кæнын, фæлæ мæ зæрдæ хсайы уæвæг къухдариуæгады митæм. Сæ архæйдтытæ кæддæриддæр европаг нæ вæййынц, йæ фарс хæцдзыстæм Гуырдзыстонæн, фæлæ иннæ рдгæй, ай у процесс, кæцы тæккæ райсом нæ фæуыдзæн æмæ уый та нысан кæны, цæмæй алы бæстæйæн уыдзæн аргълæвæрд индивидуалонæй», – загъта Раса Юнкевичене.